Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта бакæнгæ æххуысы тыххæй

Ӕрвылмæй дæр ведомствæ бавдисы информаци республикæйы хицауадмæ, кæмæн æмæ цы суммæйы бæрц баконд æрцыд паддзахадон æххуыс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад марты рахицæн кодта 1, 4 милуан сомы бæрц материалон æххуыс, хъусын кæны республикæйы хицауады пресс-службæ.

Социалон проектты конкурс расидтысты Хуссар Иры

Цы æмбæстæгтæн баконд æрцыд материалон æххуыс, уыдоны æхсæн ис фыццаг æмæ дыккаг группæйы дæс инвалиды (145 мин сомы); чысылæй фæстæмæ 17 инвалиды (160 мин сомы); 61 бирæсывæллонджын бинонтæ (710 мин сомы); фæмардуæвджыты фараст бинонтæ (90 000 сомы); 74 æххуысхъуаг бинонтæ (188 мин сомы); æхсæз сидзæры (65 000 сомы).

Уымæй дарддæр, фондз æмбæстаджы райстой иурæстæгон материалон æххуыс æнæниздзинады фæдыл (110 мин сомы).

Зын уавæрты бахауæг бинонтæй хицауадмæ æххуысы фæдыл чи бахатыд, уыдонæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон райрæзты министрад æрвылмæй дæр рахицæн кæны фæрæзтæ.