Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы æдасдзинады советтæ бафыстой дыууæазон æмгуыстады нывæзт

Нывæзт рагхыгъд кæны æмгуыстад æфсæддон къабазы, информаци æмæ таможнæйон органты æхсæн фæлтæрддзинад дих кæныны къабазты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æдасдзинады советты секретарьтæ Уалыты Валерий æмæ Николай Патрушев бафыстой 2018-2019 азтæн æмгуыстады нывæзт Мæскуыйы, хъусын кæны РИА Новости.

"Дзырдæмбæлттæ раргом кодтой сæ цæстæнгас æхсæнадон æмæ националон æдасдзинады фарстыты фæдыл, æруынаффæ кодтой уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстады алыгъуызон аспекттыл. Уымæй дарддæр ма, Николай Путрушев æмæ Уалыты Валерий бафыстой дыууæ бæстæты æдасдзинады советты аппаратты æмгуыстады нывæзт 2018-2019 азтæн", — радзырдтой Уæрæсейы æдасдзинады советы пресс-службæйы.

Нывæзт рагхыгъд кæны æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл дыууæварсон бадзырд æххæст кæныны мадзæлтты реализаци. Уымæй дарддæр ма, æмгуыстад æххсæст цæудзæн æфсæддон æмæ æфсæддон-техникон къабæзты, барадхъахъхъæнæн органты хаххыл, информаци æмæ таможнæйон органты æхсæн фæлтæрддзинад дих кæныны къабæзты.