Кусæгон къорд дыгай бынæтты кусджыты тыххæй: алчи не ′рбавдыста бæрæггæнæнтæ

Цхинвалы уагъд æрцыд дыгай бынæтты чи кусы, уыдон рафæлгъауыны фæдыл кусæгон къорды рабадт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Козаты Диана. Ныры онг ваканситы номхыгъд цы ведомствæтæ нæма æрбавдыстой, уыдон иууыл цыбырдæр æмгъуыдмæ хъуамæ бацæттæ кæной æнæмæнгхъæуæг бæрæггæнæнтæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президенты администацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Константин дыгай бынæтты чи кусы, уыдон рафæлгъауыны фæдыл кусæгон къорды рабадты рææстæджы.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта цалдæр бынæтты кусджыты нымæц

Амæй размæ президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны дыууæ æмæ фылдæр бюджетон бынæтты цы адæм кусынц, уыдон нымæц у 1,4 минæй фылдæр. Уый бахæс кодта ведомствæты къухдариуæггæнджытæн ауадзын куыст, дыууæ бынæтты чи кусы, уыцы æмбæстæгты аннæ бынæттæй (бындуронæй дарддæр) сисыны фæдыл. Уыимæ иумæ президент бахахх кодта, ацы номхыгъдмæ кæй ма хъуамæ бахауой кусджытæ, кæцыты иумæйаг мæйон æфтиаг нæу 15 мин сомæй фылдæр.

"Мах ныфс æвæрæм, нæ курдиат кæй æрцæудзæн æххæстгонд гъæдджынæй æмæ рæстæгыл, æмæ нæм æрбавдисдзысты ваканситы номхыгъд. 1406 – уый дыгай бынæтты чи кусы, уыдоны æххæст цифрæ нæу, уымæн æмæ нæм къухдариуæггæнджытæ не рбавдыстой бæрæггæнæнтæ иууылдæр, кæд æмæ сын цалдæр хатт загътам, уæддæр", — загъта Пухаты Константин.

Уый банысан кодта, æнæзаконæй дыгай æмæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыдон раргом кæныны хъуыддагæн уыд бæлвырд резонанс æхсæнады — алыхатт æвæрццаг нæ.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы кæй ис æрыгон специалистты базæ, куыстæй сифтонг кæныны управлени дæр уадзы æгуыст адæмы хыгъд æмæ ацы бæрæггæнæнтæй ис фадат спайда кæнын ведомствæты къухдариуæггæнджытæн, кæцыты фæзындзысты ваканситæ.