Президент фембæлд компани "БТК"–йы хистæр Боллоты Таймуразимæ

Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг æруынаффæ кодта бизнесменимæ фабрикæ "БТК-4"-йы дарддæры куысты фæдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ компаниты къорд "БТК групп"-ы сæргълæууæг Боллоты Таймураз æруынаффæ кодтой "БТК-4"-йы дарддæры куыстыл, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Цхинвалы равзӕрстой мисс БТК-4

Боллоты Таймураз радзырдта, фабрикæйы сæйраг нысæнттæ абон кæй сты хæрдзты оптимизаци æмæ рауагъдад фæфылдæр кæнын. Уый ма бахахх кодта, фабрикæ кæй кусы штатон режимы.

Бибылты Анатолий, йæхи рдыгæй, банысан кодта, Хуссар Иры гуырахстджындæр амалиуæгад — хуыйæн фабрикæ "БТК-4"-йы стыр социалон нысаниуæг Хуссар Ирæн.

Холдинг "БТК-групп" у егъаудæр инвестор Хуссар Ирыстоны экономикæмæ. Компанийы сæргълæууæг – Боллоты Таймуразы хъæппæрисæй 2013 азы Цхинвалы æрбайгом хуыйæн фабрикæ БТК-4, кæцы ифтонг кæны куысты бынæттæй республикæйы 500-йæ фылдæр цæрæджы.