Знауыры районы хъæды аиуварс кодтой стыр зынгирвæзт

Падкънеты хъæумæ хæстæг нæзы хъæды ссыгъд ныххуыссын кæныныл архайдтой 4 сахаты бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы Падкънеты хъæумæ хæстæг ссыгъд нæзы хъæд, Уæлвæткон уавæрты министрады зынгирвæзты ныхмæ районон хайад ссыгъд ахуыссын кæныныл архайдта цыппар сахаты. Уый тыххæй фехъусын кодтой Sputnik РХИ УУМ пресс-службæйы.

"Ӕртыццæджы фараст сахатмæ æввахс радгæсон службæмæ фехъусын кодтой нæзы хъæды ссыгъды тыххæй. Цыппар сахаты дæргъы арт ныннымæг кæныныл архайдтой районы зынджы ныхмæ тохы æппæт къордтæ дæр. Зынгирвæзты аххосаг нырма бæрæг нæу", — загътой пресс-службæйы.

Уагдоны ма куыд банысан кодтой, афтæмæй бæллæх æввахс хъæутæн ницы разиан кодта.