Хуссарирыстойнаг рэпертæ South Side Crew: амбицитæ бирæ, фадæттæ та нæй

Рэп-къорд South Side Crew музыканттæ радзырдтой Sputnik пресс-центры сфæлдыстадон нывæзтты тыххæй æмæ цы нæ фаг кæны æрыгон курдиæттæн Хуссар Ирыстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны популярон зарæггæнджытæ Остъаты Алан æмæ Тадтаты Олег, кæцытæ сты зындгонд Mr.Revolution æмæ Халк псевдонимты бын, къорд Young Street уæнгтимæ баиу сты ацы азы райдианы музыкалон коллективы South Side Crew. Пресс-конференцийы рæстæджы музыканттæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы мæй уыдон нывæндынц рауадзын фыццаг иумæйаг альбом.

"Ацы мæй ауаддзыстæм концерт, цы ран фехъусын кæндзыстæм нæ ног тректæ. Ӕрхонгæ зарæггæнджыты æхсæн уыдзæн зындгонд "Хъæбул" – Тыбылты Денис", — загъта Остъаты Алан.

Музыкалон æххæстгæнджытæй South Side рахицæн кодтой америкæйаг рэпы классикæ — Snoop Dogg, 2pac – æмæ загътой, лæмбынæгæй сæ хъус кæй дарынц MiyaGi & Эндшпилы сфæлдыстадмæ. Сæ тректы South Side дзурынц ахсджиаг темæтыл.

Халк и Челе

Хъыгагæн, музыкантты æгæрон сфæлдыстадон амбициты раз лæууынц цæлхдуртæ гъæдджын композицитæ ныффыссынæн минималон уавæрты хъуагдзинады хуызы. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, рэпертæ нæ сафынц оптимизм æмæ сты ныфсджын, музыкæ кæй баззайдзæн сæ цардуагон кредойæ дæргъвæтин æзты.

"Амбицитæ нын ис, фæнды нæ уæрæх кæнын не ′сфæлдыстад. Ӕндæр уавæрты мах рахызтаиккам æндæр æмвæзадмæ. Æндæр уавæртæ мах хонæм профессионалон студи. Нырма уал архайæм нæхи тыхтæй, фæнды нæ арендæйы райсын хатæн æмæ дзы сæвæрын ифтонггæрзтæ", — загъта остъаты Алан.

Пресс-конференцийы кæрон Mr.Revolution æмæ Халк сæххæст кодтой сæ популярон трек "Уæрæйдæ".