Спикер радзырдта президенты хæдзæртты тыххæй

Бибылты Анатолий радта Хуссар Ирыстоны минæварадæн, Донецкы йын цы хæдзар балæвар кодтой, уый
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент нæ хъавы æнæзмæлгæ мулк балхæнын, цалынмæ республикæйы нæ аскъуыддзаг уа цæрæнуатон фарст, уæдмæ. Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта парламенты спикер Гасситы Петр.

Парламенты спикер: Хуссар Иры хъæуы ног Конституци

Ныридæгæн президент цæры йæ бинонтимæ Цхинвалы микрорайонтæй иуы дыууæхатæнон фатеры.

"Искуы ма фехъуыстат, цæмæй искæцы бæстæйы президент цæра дыууæхатæнон фатеры зæронд хæдзары фæндзæм уæладзыгыл? Уырнын уын æй кæнын, уымæн нæй æнæр хæдзæрттæ – нæдæр Дзæуджыхъæуы, нæдæр Мæскуыйы, нæдæр Донецкы", — загъта Гасситы Петр.

Спикер ма бахахх кодта, президентæн Донецкы разамынад цы хæдзар балæвар кодта, уый нæй сфидар кодта Хуссар Ирыстоны минæварадыл.

"Уымæй дарддæр ма президент загъта, кæй не ʻлхæны хæдзар, цалынмæ Хуссар Ирыстоны алкæцы цæрæгæн дæр нæ аскъуыддзаг кæной йæ цæрнуатон фарстытæ, уæдмæ. Бауырнæт уæ, афтæ уыдзæн", — бафтыдта Гасситы Петр.