Усик загъта Гасситы Мурӕтимӕ тохы ахасты аххосаг ӕмӕ ракуырдта хатыр

Ирон боксер, IBF ӕмӕ WBA верситӕм гӕсгӕ дунейы чемпион Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн финалон тохы датӕ аивтой ивгъуыд къуырийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Украинӕйаг боксер, WBC ӕмӕ WBO рӕтты хицау Александр Усик радзырдта Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы фӕлгӕтты фыццаг уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕтимӕ финалон тохы ахасты аххосаг. Спортсмены ныхӕстӕм гӕсгӕ, финалы датӕйы аивд баст у къухы травмӕимӕ, кӕцы уый райста тренировкӕты рӕстӕджы. Уый тыххӕй Усик фехъусын кодта йӕ фарсыл Instagram.

"Фӕнды мӕ фехъусын кӕнын, тренировкӕгӕнӕн лагеры ӕз кӕй ныццавтон мӕ къух, уый адыл тох 11 майы нӕ уыдзӕн. Куыддӕр сцӕттӕ уӕм, афтӕ фехъусын кӕндзыстӕм организатортӕн, цӕмӕй равзарой ног датӕ. Хатыр курын Гасситы Мурӕты командӕйӕ", — загъта боксер.

Раздӕр куыд фӕбӕрӕг, афтӕмӕй Гасситы Мурæт æмæ украинæйаг Александр Усикы æхсæн финалон тох аргъæвтой сæрдмæ. Финал хъуамæ уагъд æрцыдаид 11 майы Саудовская Аравияйы, фæлæ бадзырдтæ бацыдысты тупикмæ. Уæрæсейы Боксы Федерацийы радзырдтой, тох кæй ис гæнæн æмæ хаст æрцæуа Мæскуымæ.