Цхинвайлаг боксер Тыбылты Тамерлан стох кæндзæн æхсæнадæмон турниры

Хуссарирыстойнаг æрыгон боксеры тренер нымайы ирон фæсивæдæн дæнцæгыл царды, спорты æмæ ахуыры. Гуырахстджын æхсæнадæмон турниры та йæм æнхъæлмæ кæсынц уæлахизмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Тыбылты Тамерлан стох кæндзæн æхсæнадæмон турниры Челябинскы. Цхинвайлаг лæппу архайдзæн 64 кг уæзы, йæ категорийы æрмæст Ирыстонæй тох кæндзæн ноджы дыууæ лæппуйы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Хаситы Владислав.

Боксер Тыбылты Тамерлан рамбылдта йæ фыццаг тох Уæрæсейы фыццагады

Ӕрæджы Тыбылты Тамерлан рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ. Уæд Ирыстоны командæйы сконды архайдтой 9 боксеры, уыдонæй æрмæстдæр Тамерлан схызт фыццаг къæпхæнмæ. Фæстæдæр уый архайдта Уæрæсейы фыццагады.

"Тамерлан у ирон фæсивæдæн дæнцæг царды, спорты æмæ ахуыры дæр. Турниры хæдразмæ Уæрæсейы æмбырдгонды сконды рацыд ахуырты дыууæ этап, у хорз цæттæ æмæ йæм æнхъæлмæ кæсæм уæлахизмæ. Фæлæ кæройнаг хатдзæг равдисдзæн æрмæстдæр ринг", — загъта тренер.

Боксер Тыбылты Тамерлан йæ тренер Хаситы Владиславимæ

Уый ма банысан кодта, турнир кæй у бæрзонд æмвæзады ерыс – архайынц дзы фæсарæйнаг спортсментæ дæр.

"Тыбылты Тамерланы уæзы категорийы ис стыр конкуренци, æрмæст Ирыстонæй ацы уæзы ис ноджы дыууæ спортсмены – боксы клуб "Ариана"-йы минæвар Тыбылты Александр, стæй ма Гаглойтæй иу лæппу", — бафтыдта уый.

Тыбылты Тамерлан цæттæ кæны спорты галуан "Олимп"-ы Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы тренертæ Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ Цоциты Эдгары къухдариуæгады бын.

Цыппæрæм гом æппæтуæрæсейон турнир боксæй цæудзæн 18-21 апрелы. Спортсментæ тох кæндзысты ПТРК "Южный Урал"-ы призтыл. Мадзал нывонд у Стыр Фыдыбæстæйон хæстæн.