ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Контрабантон тамакойы егъау парти ӕрцахстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕныл, уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы", хъусын кӕны цӕгатирыстойнаг таможнӕйы пресс-службӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй хӕдтулгӕ, кӕцыйы шофыр уыд хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаг, ахст ӕрцыд 10 апрелы, развӕлгъау хӕрзгӕнджытӕ контрабандӕйы тыххӕй кӕй фехъусын кодтой, уый фӕрцы.
Хӕдтулгӕ басгӕрстой рентгенон комплексы руаджы, контрабандон тамако ссардӕуыд машинӕйы уӕзтӕӕвӕрӕн хайы.
"Басгӕрсты фӕстиуӕгӕн ссардӕуыд 174 блокы тамако "PLAY HIT" фильтримӕ. Ӕдӕппӕт — 1746 къоппы, 34 920 тамакойы", — радзырдтой таможнӕйы.
Уагдоны пресс-службӕйы ма фехъусын кодтой марты ӕнгӕс цауы тыххӕй — уӕд дӕр нелегалон уаргъ аласын фӕнд кодта Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаг.