ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны уагъд æрцæудзæн ацы аз фыццаг æппæтреспубликон зиу сабаты, 21 апрелы, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Мадзал уагъд æрцæудзæн Ӕппæтуæрæсейыг экологон акци "Цъæх уалдзæг"-имæ иумæ.
Зиу бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл штаб æрсидт цæрджытæм активон хайад райсын горæт æмæ хъæутææ æфснайыны.
"Алкæмæн дæр нæ йæ бон у нымад сахаттæм, сыхæгтæ, æмбæлттæ, зонгæты æххуысæй рахизын хæдзарæй æмæ йæ кæрт, йæ уынг, йæ микрорайон бафснайын, асыгъдæг æй кæнын алыгъуызон быронæй", — дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.
Масштабон зиуы райсдзысты хайад федералон территориалон структурæты, республикæйы хицауады уæнгтæ, муниципалон уагдæты, ахуырадон уагдæтты, коммерцион æмæ æхсæнадон организациты кусджытæ, студенттæ, скъоладзаутæ æмæ волонтертæ. Республикæйы цæрджытимæ территори æфснайынмæ рахиздзæн РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, министрæдтæ, ведомствæты, горæты æмæ хъæуты разамонджытæ.