ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Республикæйы ахуырадон уагдæтты райдыдтой зынгирвæзтон эвакуацийы фæдыл ахуыртæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæ.
Ахуыртæ райдыдтой 17 апрелы æмæ цæудзысты мæйы дæргъы.
Ахуырты таурæгъмæ гæсгæ, бæстыхайы скуыста зынгирвæзтон сигнализаци – æртæ цыбыр æмæ иу даргъ дзæнгæрæг, уый фæстæ ахуыргæнджытæ райдайынц сывæллæтты эвакуаци. Зынгвæдисонтæ ма сгарынц бæстыхай дæр æмæ нысан кæнынц фæткхæлдтытæ.
УУМ-ы кусджытæ ахуырты фæстиуджытæм гæсгæ сараздзысты акттæ, цы ран бацамондзысты къуыхцытæ иууылдæр, кæцыты хъæуы рараст кæнын скъолаты. Басгæрсты фæстиуджыты фæдыл доклад æрвыст æрцæудзæн ахуырады министрмæ, æппæт фарстытæ иумæйаг тыхтæй райхалыны тыххæй.