Цхинвалы цӕрӕг ссардта йӕ цӕхӕрадоны гранатӕ

Рӕмудзӕн ӕрмӕг йӕ хӕдзары территорийыл ссардта Цхинвалы цӕрӕг, кӕцы нӕ бакуыста йӕ цӕхӕрадон 2008 азы августӕй фӕстӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты Черепичныйы уынгыл хисӕрмагонд хӕдзары территорийыл ссардӕуыд ӕнахуыр рӕмудзӕн ӕрмӕг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).

Цхинвалы цæрæг гранатæйæ æртхъирæн кодта чызгмæ ХИПУ-ы æмдзæрæндоны

Ссарӕггаджы тыххӕй Уӕлвӕткон уавӕрты министрады оперативон радгӕсӕн фехъусын кодта хӕдзары хицау.

Уый куыд радзырдта, афтӕмӕй нӕ бакуыста йӕ цӕхӕрадон 2008 азы августӕй фӕстӕмӕ. Цауы бынатмӕ ӕвӕстиатӕй бацыд Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленийы оперативон-слестгӕнӕн къорд.

"Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй рӕмудзӕн ӕрмӕг у танчы ныхмӕ гранатӕ РКГ-3", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

УУМ кусджытӕ гранатӕ сӕвӕрдтой сӕрмагонд контейнеры ӕмӕ йӕ аластой сӕнӕзианхъом кӕнынмӕ.