Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктимæ

Автомашинæ басгæрсты рæстæджы азымгондмæ ссардтой шприц æмæ чысыл тыхтонтæ наркотиктимæАвтомашинæ басгæрсты рæстæджы азымгондмæ ссардтой шприц æмæ чысыл тыхтонтæ наркотиктимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik. Хуссар Иры мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой Гуфтайы хъæуы (Дзауы район) Цхинвалы 41-аздзыд цæрæджы, кæцыйы ныхмæ барадхъахъхъæнджытæм уыд оперативон информаци, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæм ссардтой гæн

Уагдоны бафиппайдтой, автомашинæ "BMW" басгæрсты рæстæджы азымгондмæ кæй ссардтой шприц æмæ чысыл тыхтонтæ наркотиктимæ.

Эксперттæ-криминалистты хатдзæгмæ гæсгæ, шприцтæй иуы уыд героинимæ буарад. Уымæй дарддæр ма йæм ссардæуыд фольгайæ тыхтонтæ, цы ран разынд ссадæг метадонимæ, афтæ ма прегабалинимæ буарад.

МХМ-ы банысан кодтой, медицинон басгæрсты рæстæджы кæй рабæрæг, азымгонд кæй пайда кодта наркотикон буарадтæ "Морфин" æмæ "Метадон"-æй. Цхинвалы цæрæгмæ зæрдæ æхсайы наркотикты контрабандæ æмæ æнæзаконон пайдакæнынадмæ, афтæ ма препарат "Лирика" æмæ йæ аналогты æрбаласт æмæ æнæзаконон пайдакæнынады закон фехалынмæ.

Документтæ æрвыст æрцыдысты РХИ МХМ-ы слестгæнæн управленимæ.