ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Мæскуыйы уагъд æрцыд Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Григорий Карасин æмæ Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сæргълæууæг Медойты Дмитрийы фембæлд, уыдон æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстады фарстытыл, фехъусын кодта РИА Новости уæрæсейаг æддагполитикон ведомствæйы информаци.
"Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыд дыууæварсон æмгуыстады ахсджиаг фарстытыл, æддагполитикон координаци фæфидардæр кæныны фадæттыл Фæскавказы уавæрыл", — дзырдæуы УФ ФХМ-ы хъусинаджы.
2008 азы августы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон фехъусын кодтой сæ хæдбардзинады тыххæй, уый арæзт æрцыд Цхинвалы ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы фæстæ. Ныртæккæ Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон регулярон æгъдауæй æмбæлынц Женеваг дискусситы фæлгæтты.