Сылгоймæгтыл машинæ баскъæрыны кадртæ бахаудысты видеомæ

Фæндагон-транспортон цауы азымджын разынд Мидхъуыддæгты министрады нозтджын кусæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Видеоцæстдарды камерæ систа фæндагон-транспортон цау Цхинвалы уынгтæй сæ иуыл, кæцыйы фæстиуæгæн дыууæ сылгоймаджы бахаудысты рынчындонмæ.

Цау æрцыд къуырисæры фистæгæй цæуджыты фæндагыл: мидхъуыддæгты министрады (МХМ) 26-аздзы кусæг расыгæй, хæдтуглæ "Лада Приора"-йыл баскъæрдта дыууæ сылгоймагыл. Уыдон бахаудтой рынчындонмæ.

Фæткхалæг ныридæгæн ис МХМ рæстæгмæдарæн изоляторы.