Далафæндырыл сæххæстгонд "Хонгæ" Дзæуджыхъæуы бахауд видеомæ

Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæг йæ ахуыргæнинæгтимæ сæххæст кодта "Хонгæ" далафæндырыл – видеороликмæ бакастысты цалдæр мин пайдагæнæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæг йæ дыууæ ахуыргæнинагимæ сæххæст кодта традицион ирон музыкæ " Хонгæ" далафæндырыл, хъусын кæны News-R.

Мелодийы æнахуыр сæххæсты хуыз Ирыстонæн æрæмбырд кодта мингай бакастытæ интернеты. Кадрты фенæн ис, куыд азарт æмæ цыбæлимæ архайынц музыкалон инструменттыл хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнæгимæ.

 

"Ахуыргæнджытæ хъæзныг сты сæ ахуыргæнинæгтæй. Алкæмæн дæр хорз зæрдæйы равг", — ныффыста видеойы автор социалон хызæджы Instagram.

Ролик ныммыхуыр кодтой Цæгат Ирыстоны группæтæ æмæ къордты.