ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Цхинвалы скъолаты хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн уагъд æрцыд зынгон цæттæдзинады фæдыл ахуыртæ, кæцытæ домы "Цардархайды æдасдзинады бындурты" (ЦӔБ) предмет. Ахуыртæ сорганизаци кодта хъахъхъæнынады министрад, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службæ.
"Ахæм мадзæлттæ хъуамæ суой æнæмæнг, уымæн æмæ сын ис ахсджиаг нысаниуæг рæзгæ фæлтæры патриотикон хъомылады, афтæ ма сты æвæрд ЦӔБ-ы предметы. Ӕмæ йæ куыд зонын, афтæмæй, хæцæнгарзæй æхсыны ахуыртæ рацæудзысты Цхинвалы астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ иууылдæр", — загъта паддзахады сæргълæууæг æмæ банысан кодта, ахæм ахуыртæ æнæмæнг кæй сты Хуссар Ирыстоны районты скъолаты хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн.
Уый ма банысан кодта, бирæ чызджытæн сæ фæстиуджытæ кæй сты лæппутæй хуыздæр.
№5-æм скъолайы хистæр кълæсты ахуыргæнинаг Дзигойты Карина райгондæй баззад ахуыртæй дæр, æмæ æхстæй дæр.
"Мах ахуыр кодтой, куыд хъæуы улæфт бауромын, кæдæм хъæуы æхсын, цæмæй ма фæсыкк уай. Ӕз мæхæдæг мил фæцæф кодтон дыууæ хатты", — загъта Карина.