ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Таможнӕйы кусджытӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрурӕдтой Уӕрӕсемӕ контрабандон тамакойы егъау парти баласыны фӕлвӕрд. Ӕнӕлегалон уаргъ уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" уылты хъавыд баласын Хуссар Ирыстоны 26-аздзыд ӕмбӕстаг, хъусын кӕны цӕгатирыстойнаг таможнӕйы пресс-службӕ.
Гражданин Южной Осетии пытался ввезти в РФ крупную партию контрабанды
© Пресс-служба Северо-осетинской таможни
Уагдоны куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй таможнӕйы кусджытӕм уыд оперативон информаци уӕзласӕн машинӕ "Scania"-йы фӕдыл. Хӕдтулгӕ басгӕрстой сӕрмагонд фӕрӕзты руаджы, разынд дзы фондз мин къоппы "Донской табак темный" маркӕ тамако ӕмӕ 400 къоппы та "PLAY HIT".
Таможнӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕнӕзаконон уаргъы аргъ у 377 мин сомы — уый та нымад у егъау бӕрц контрабандӕйыл.
Фӕткхалӕджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддаг.