"Тæрхъусы амонд": сгуыхт артисттæ сырдты хуызы ирхæфстой сабиты

Sputnik

Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры труппæ чысыл театруарзджытæн бавдыста ног аргъау "Тæрхъусы амонд". Аргъау бацæттæ кодта режиссер Чилæхсаты Эдурад Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Тъехты Василийы уацмысмæ гæсгæ.

Сабитæ кæд æппæрццаг персонажты ныхмæ залæй хъæр кодтой, уæддæр сæ уарзон хъайтартæ дæр уыдысты уыдон.

"Бирæгъ æмæ рувас тынг цæуынц мæ зæрдæмæ, кæд æвзæр митæ кæнынц, уæддæр. Айразмæ ма ноджы иу аргъаумæ кастæн, фæлæ ацы аргъау тынгдæр у", — загъта фыццæгæм скъолайы ахуырдзау Абайты Батрадз.

 "Тæрхъусы амонд" фыццаг æвæрд æрцыд Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон академион театры сценæйыл.

1 / 12
Профцæдисты залы чысыл театруарзджытæ катай кодтой сырдты дунейы æнæраст хъуыддæгтыл
2 / 12
Тæрхъус æмæ згъарæгæн бирæгъ сæ лæппынты ахаста.
3 / 12
Дыууæ сырд хъæстгæнæг бацыдысты фæлитой рувасмæ.
4 / 12
Уæлдай тынг сабиты зæрдæмæ фæцыд фæлитой рувас Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Пæррæстаты Дмитрийы æххæстæй
5 / 12
Аргъау "Тæрхъусы амонд".
6 / 12
Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Хуыгаты Дзамболат сабиты раз ралæууыд хæрæджы хуызы
7 / 12
Сабитæ стыр цымыдисимæ кастысты паддзахадон театры актерты архайдмæ сырдты фæлгонцты.
8 / 12
Рæстæгæй-рæстæгмæ сæ къæл-къæл хъуыст залы.
9 / 12
Аргъау "Тæрхъусы амонд".
10 / 12
Дывæр сгуыхт артист Бибылты Сослан дæр "Тæрхъусы амонд"-ы сценæмæ рахызт æппæрццаг фæлгонцы - сау халонæй, фæлæ финалон сцæнæйы уый дæр фæфæлмæнзæрдæ ис.
11 / 12
Аргъауы уыд куыд хъæлдзæг, афтæ æнкъард уысмтæ дæр.
12 / 12
Хабар балхынцъ хорздзинады уæлахизæй фыдбылызтыл.