ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент фæкодта критикæйы бын Ленингоры райцентры дæлзæхх коммуникациты раивыны фæдыл аразджыты куыст, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Цыппæрæмы Ленингоры поселочы Бибылты Анатолийы сæргълæудæй уагъд æрцыд хицауады цæугæ æмбырд. Уый размæ президент бабæрæг кодта поселочы централон – Сталины æмæ Къудухты Бесикы уынгтæ, кæцытæ арæзт цæуынц 2018 – 2019 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты.
Президент æрдомдта уынгты хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ иууылдæр балхынцъ кæнын ацы азы кæронмæ, кæд æмæ сæ эксплуатацимæ раттын хъæуы фидæн аз, уæддæр.
"Адæм бафæлладысты рыджы цæрынæй. Ӕз хорз æмбарын цæрджыты катайдзинад. Мах та æруагътам уыцы рæдыд, куыд кæддæр Цхинвалы – скъахтам уынгтæ иууылдæр æмæ сыл ацæуæн нал ис. Нæ сын уыд гæнæн кварталгай скъахын?", — загъта Бибылты Анатолий æмбырдыл.
Уый бахæс кодта Арæзтады министр Зæгъойты Эдуардæн бакусын фарстыл, цæмæй Ленингоры дыууæ сæйраг уынджы æнæхъæнæй æрцæуой хæрзарæзт.