Диктант иронау: петербургæгтæ сфæлвардзысты сæ зонындзинæдтæ ирон æвзагæй

Организатортæ ныфс дæттынц срæсугъд кæнын мадзал ирон уæлибыхтæ æмæ кæфтытæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 мая — Sputnik. Уæрæсейы дыккаг столицæйы ирон цæрджытæ ныффысдзысты традицион диктант ирон æвзагыл, хъусын кæны Градус Осетии.

Мадзал цæуы ирон æвзаджы боны цытæн ныр цыппæрæм аз.

"Гом диктанты рæстæджы ацæудзысты конкурстæ, викторинæтæ, фадат уыдзæн ирон символикæимæ сувениртæ рамбулын. Организатортæ ныфс дæттынц срæсугъд кæнын мадзал ирон уæлибыхтæ æмæ кæфтытæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Гом диктант ацæудзæн 19 майы. Ирон æвзаджы бон нысан цæуы æрвылаз 15 майы.