Хуссарирыстойнаг боксер стох кæндзæн Дагестаны турниры

Цхинвайлаг боксер архайы иууыл стыр уæзы категорийы, ерыстæ райдайдзысты æввахс бонты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгæнинаг Хуыбылты Константин стох кæндзæн фæсивæды ʻхсæн сæрдыгон спартакиадæйы Дагестаны, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Хаситы Владислав.

Цхинвалаг боксер архайдзæн Цæгат Ирыстоны командæйы сконды.

"Иууыл стырдæр уæзы категорийы (110 килограмм) стох кæндзæн нæ хъомылгæнинаг Хуыбылты Константин. Уый бакодтой Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд командæйы скондмæ. Къорд ныридæгæн афæндараст сты ерыстæм Дагестанмæ", — загъта тренер.

Хуыбылты Константин цæттæ кæны Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы тренертæ Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ Цоциты Эдгары къухдариуæгады бын.