ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æрвылазон турнир "Сæрак пурти"-йы призтыл стох кодтой 10 футболон командæйы. Æртæ боны ерысты фæстиуæгæн фæбæрæг сты æртæ кары категориты уæлахиздзау командæтæ — "Ир", "Ир-2" æмæ "Фæранк".
"Футболы турнир цæуы советон дугæй фæстæмæ. Ацы аз архайджыты нымæц у къаддæр – æрмæстдæр 10 командæйы раразмæгонд æрцыдысты ерыстæм. Ӕртæ боны дæргъы уыдон тырныдтой хицæн категориты уæлахизмæ", — загъта Sputnik ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Тедеты Владимир.
Уæлахиздзаутæ рабæрæг сты хистæр, астæуккаг æмæ кæстæр кары категориты. Тренер Мæргъиты Вячеславы дыууæ командæ "Ир" æмæ "Ир-2" схызтысты фыццаг къæпхæнмæ, хистæр къорды командæты ʻхсæн та рамбылдта Бекъойты Булаты "Фæранк".
Фембæлдтæ цыдысты футболы скъола "Фæранк"-ы фæзуаты.