Хуссар Ирыстоны аварийы фӕмард 12-аздзыд лӕппу

Трагеди ӕрцыд хуыцаубоны фӕндаг Цхинвал-Знауыры ӕвдӕм километрыл, Къостайы хъӕуы цур
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны аварийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 12-аздзыд лӕппу, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

Трагеди ӕрцыд хуыцаубоны фӕндаг Цхинвал-Знауыры ӕвдӕм километрыл, Къостайы хъӕуы цур.

"Трактор ӕнӕ паддзахадон регистрацион номыртимӕ, кӕцыйы скъӕрдта Къостайы хъӕуы 51-аздзыд цӕрӕг, ахауд фӕндагӕй ӕмӕ сфӕлдӕхт. Цауы фӕстиуӕгӕн республикон рынчындонмӕ Цхинвалмӕ ӕрбаскъӕфтой тракторы шофыры ӕмӕ дыууӕ ӕнахъом лӕппуйы — Цхинвалы 12-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ Къостайы хъӕуы 9-аздзыд цӕрӕг", — дзырдӕуы хъусинаджы.

В Южной Осетии в результате аварии погиб 12-летний мальчик
Райсгӕ цӕфты фӕстиуӕгӕн 12-аздзыд лӕппу амард рынчындоны.

Медицинон басгӕрст куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй тракторы шофыр уыд нозтджын.