Цхинвалы ацыд Уӕлахизы парады бӕстон репетици

Цытджын парады 9 майы фыццаг хатт хайад райсдзысты Донецкаг адӕмон республикӕйы ӕфсӕддонтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik. Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл къуырисӕры уагъд ӕрцыд Уӕлахизы парады бӕстон репетици. Театралон фӕзуатмӕ рахызтысты сӕдӕгай хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, афтӕ ма Донецкаг адӕмон республикӕйы парадон къордтӕ.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ фыццаг хатт рацӕудзысты Донецкы парады

Репетици бакодтой хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Гассеты Ибрагим ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы сӕргълӕууӕг Виктор Федоров. 

Уыдон ӕрзылдысты парадон къордтыл ӕмӕ раарфӕ кодтой мадзалы хайадисджытӕн Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы бӕрӕгбоны цытӕн.
Уый фӕстӕ фӕзуатыл цытджын маршӕй рацыдысты Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы минӕвӕрттӕ. Се ‘хсӕн —

Донецкаг уӕлдӕр иумӕйагӕфсӕддон командон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ, кӕцытӕ фыццаг хатт ӕрцыдысты Хуссар Ирмӕ Уӕлахизы парады хайад райсынмӕ.

Парадон къордтӕ рацыдысты Хуссар Ирыстоны, Уӕрӕсейы ӕмӕ Донецкы гимны зӕлтӕм, ӕртӕ бӕстӕйы тырысатимӕ.

1 / 4
Уӕлахизы парады бӕстон репетици
2 / 4
Уӕлахизы парады бӕстон репетици
3 / 4
Уӕлахизы парады бӕстон репетици
4 / 4
Уӕлахизы парады бӕстон репетици

Репетицийы кӕрон ма республикӕйы сӕйраг фӕзматмӕ рахызтысты алыгъуызон хӕцӕнгарз ӕмӕ техникӕимӕ колоннӕтӕ дӕр, се ‘хсӕн залпон ӕхсты системӕтӕ "Град" дӕр.

Ӕфсӕддон парадтӕ Хуссар Ирыстоны уадзын райдыдтой ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты ӕмбисӕй фӕстӕмӕ. Традицимӕ гӕсгӕ, парад ацӕуы Цхинвалы Театралон фӕзуаты.