Хуссар Иры тыхон структурӕты кусджытӕ Хӕдбардзинады юбилей банысан кодтой Эльбрусыл

Хӕрдмӕцыд уыд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты сӕрмагонд нысаниуӕджы дӕлхайӕдты кусджытӕ сӕххӕст кодтой хӕрдмӕцыд Уӕрӕсейы президент Владимир Путины инаугурацийы бон Европӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Кавказы иууыл стыр бӕрзӕндмӕ — Эльбрусмӕ, фехъусын кодта хӕрдмӕцыды хайадисджытӕй иу.

Хуссар Иры ирвӕзынгӕнӕг-альпинисттӕ ӕрсадздзысты Уӕлахизы тырыса Цъӕйы

Хӕрдмӕцыды хайад истой Хуссар Ирыстоны паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕ, паддзахадон ӕдасдзинады комитеты, хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты кусджытӕ. Уыдон мадзал снывонд кодтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадыл 10 азы сӕххӕстӕн.

Эльбрусы ныгуылӕн бӕрзӕндыл (5642 метр) ӕрсагътой Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы паддзахадон тырысатӕ, кӕцыты спортсментӕн ратта президент Бибылты Анатолий йӕхӕдӕг.

Альпинисттӕ банысан кодтой, хӕрдмӕцыд Эльбрусмӕ майы дӕр, куыд зымӕджы, у тынг вазыгджын, уымӕн ӕмӕ майы Эльбрусы вулканон разӕнгарддзинад вӕййы ӕппӕты стырдӕр, ӕмӕ атмосферон уӕз бӕрзӕндыл ӕрхауы йӕ минималон бӕрӕггӕнӕнмӕ.

Хӕрдмӕцыд сӕххӕст ис Националон Парк "Приэльбрусье"-йы директор Юрий Залихановы ӕххуысы фӕрцы, йӕ сӕргълӕууӕг уыдис Цӕгат Ирыстоны альпинизмы Федераци "Снежный Барс"-ы президент Хӕмыцаты Хъазбег. Къорды капитан уыд Хуссар Ирыстоны мидхъуыдтӕгты министрады (МХМ) кусӕг Багаты Марат.