Путин раарфӕ кодта Хуссар Иры ветерантӕн Уӕлахизы боны цытӕн

Уӕрӕсейы консулы хӕдивӕг хуссарирыстойнаг республикӕйы бафарста ветерантӕн Владимир Путины арфӕ Уӕлахизы боны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны ӕмӕ уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ Хуссар Ирыстоны ветеранты цӕдисимӕ иумӕ радтой лӕвӕрттӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджытӕн, ӕмӕ сын бафарстой Уӕрӕсейы президенты арфӕ 9 майы бӕрӕгбоны цытӕн.

Уӕрӕсейы консулы хӕдивӕг Игорь Вичиков ӕмӕ УФ Арӕнгӕрон службӕйы кусӕг ветеранты цӕдисы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгимӕ бацыдысты уазӕгуаты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕм.

Путин поздравил ветеранов Южной Осетии с Днем Победы
Уыдон фыццаг бацыдысты Гатыгкоты Захары хӕдзармӕ, кӕцы фарон июны банысан кодта йӕ 100 азы юбилей.

"Июны мах ам нысан кодтам Гатыгкоты Захары юбилей ирон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, бадтыстӕм стыр фынгыл ӕмӕ цин кодтам. Ветеран йӕхи хатыдис тынг хорз ӕмӕ кувгӕ дӕр кодта. Афтӕ ма йын Бибылты Анатолий ныхас радта, ӕфтуанагъуыст ын кӕй сараздзӕнис ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта", — радзырдта ветеранты цӕдисы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.

Уазджытӕ загътой бузныджы ныхӕстӕ ветеранӕн уӕлахизы тыххӕй ӕмӕ йын бафарстой Уӕрӕсейы президент Владимир Путины сӕрмагонд арфӕ.

Путин поздравил ветеранов Южной Осетии с Днем Победы
"Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ ракӕндтӕ, удуӕлдай уарзт дӕ фыдыбӕстӕмӕ, цӕрын цӕсгомджынӕй, ӕмбалдзинадӕн аргъ кӕнын уыдзысты махӕн цӕвиттон. Мӕ цӕст дын уарзы ӕнӕниздзинад ӕмӕ дунейы ӕппӕт хорзӕхтӕ", — дзырдӕуы президенты фыстӕджы.

Владимир Путины лӕвӕрттӕ ӕмӕ фыстӕджытӕ ма радтой ветерантӕ Ӕлборты Евгения, Гӕззаты Петр ӕмӕ Беппиты Владимирӕн.

Путин поздравил ветеранов Южной Осетии с Днем Победы
Ветерантӕ цингӕнгӕйӕ ӕмбӕлдысты уазджытыл, дзырдтой бузныджы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ фронты мысинӕгтӕ.

"Мах бирӕ цыдӕртӕ сфӕрӕзтам ӕмӕ бавзӕрстам. Стыр бузныг уын, кӕй нӕ хъуыды кӕнут ӕмӕ нӕм алы аз дӕр кӕй ӕрбацӕут", — загъта Ӕлборты Евгения.