Ӕртӕ цхинвайлаг каратисткӕйы рамбылдтой Цæгат Кавказы ерыстæ

Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты ирон чызджытæн æмсæр ныхмæлæууæг нæ разынд æртæ уæзы категориты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Киокусинкай каратэйы федерацийы хъомылгæнинæгтæ æртæйæ схызтысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты фыццаг къæпхæнтæм, ноджы ма дыууæйæ та ссисты призертæ, фехъусын кодта Sputnik уæлахиздзаутæй иу Дудайты Донна.

Радон уæлахиз: Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ

Ерысты чемпионтæ ма Дудайты Доннайæ (45кг) дарддæр ссисты Гаглойты Диана (50+кг) æмæ Тадтаты Софья (50кг).

"Саратовы областæй мæм æрхаудта дыууæ ныхмæлæууæджы, уыдысты хотæ. Уадиссаг зын рамбулинаг нæ уыдысты. Цæгат Кавказы ерысты ныр уый у мæ цыппæрæм сыгъзæрин майдан. Сæйраг мын ныр та у, 14 азы кары куы бацæуон, уæд та ме ʻнтыстытæ сфæлхатт кæнон æмæ спорты мастермæ кандидат суон", — загъта Дудайты Донна.

Уый ма ранымадта йе 'мбæлтты уæлахизтæ дæр.

"Ӕртыккаг хатт ацы ерысты уæлахиздзау ссис Гаглойты Диана, дыккаг хатт — Тадтаты Софья. Тедеты Анна райста дыккаг бынат. Лæппутæй та расгуыхт Пухаты Михаил, уый ссис æртыккаг призер", — бафтыдта Донна.

Хуссар Ирыстоны киокусинкай каратэйы хъомылгæнинæгтæ ныр та сæхи цæттæ кæнынц радон ерыстæм, кæцытæ ацæудзысты июны.