Бибылты Анатолий ӕрцыд Донецкмӕ Республикӕйы боны бӕрӕгбонмӕ

Йӕ балцы президент фембӕлдзӕн ДАР-ы сӕргълӕууӕг Александр Захарченкоимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрцыд Донецкы адӕмон республикӕмӕ, цы ран хайад райсдзӕн Республикӕйы боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты Республикӕйы боны цытӕн, уыдон сӕвӕрдзысты дидинджытӕ, сабыр цӕрджытӕй Украинӕйы агрессийы амӕттаг чи бацис, уыцы адӕмы цыртмӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Йӕ балцы рӕстӕджы Бибылты Анатолий фембӕлдзӕн ДАР-ы сӕргълӕууӕг Александр Захарченкоимӕ.

Хуссар Иры президент ӕрцыдис Луганскмӕ

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды ис РХИ парламенты ӕддагон бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь, депутат Плиты Александр ӕмӕ президенты уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Давид.

Бӕстӕйы хӕдуагӕвӕрды референдум Донецкы уагъд ӕрцыд 2014 азы 11 майы, Киев сӕрмагонд операци куы расидт Донбассы цӕрджыты ныхмӕ, уӕд. Дыккаг бон республикӕ расидт йӕ хӕдбардзинад.

2014 азы Хуссар Ирыстон банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад. Цхинвал ӕмӕ республикӕты хсӕн райтынг сты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.