ХИПУ бахиздзӕн ӕхсӕнадӕмон студентон телеуынынады ассоциацимӕ

Университетимӕ бадзырд бафыссыны тыххӕй Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд телеканал "Рухсад"-ы генералон директор
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фембӕлд телеканал "Рухсад"-ы генералон директор, ӕхсӕнадӕмон студентон телеуынынады ассоциацийы ӕххӕстгӕнӕг директор Владимир Косенчукимӕ, кӕцыйы республикӕмӕ фӕхуыдта Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Президент РЮО встретился с гендиректором канала "Просвещение"

Владимир Косенчук ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй бафысса бадзырд ХИПУ-йы бахызты тыххӕй ӕхсӕнадӕмон студентон телеуынынады ассоциацимӕ.

"Ацы ӕмгуыстады фӕрцы махӕн уыдзӕн фадат нӕ видеоӕрмӕджытӕ, репортажтӕ ӕмӕ сюжеттӕ ӕвдисын ацы дыууӕ телеканалы", — загъта университеты ректор.

Ассоциацийы директор банысан кодта, бадзырдты бафыст кӕй фӕахъаз уыдзӕн Хуссар Ирыстоны интеграциӕн Уӕрӕсеимӕ.

ХИПУ-йы рауагъдонтæ фæсуниверситетон ахуырад исдзысты Уæрæсейы

"Мах бафыстам бадзырд ХИПУ-йы бахызты тыххӕй ӕхсӕнадӕмон студентон телеуынынады ассоциацимӕ. Иууыл сӕйраг у, телеуынады фадыджы дӕр кӕй цӕуы интеграци. Нӕ хӕс у баххуыс кӕнын, цӕмӕй университетты медиа-центртӕ рахизой ног, хуыздӕр ӕмвӕзадмӕ. Мах ӕххуыс кӕндзыстӕм уынаффӕтӕй, мастер-класстӕй ӕмӕ а. д.", — загъта Косенчук.

Президенты зӕрдӕмӕ фӕцыд ХИПУ ӕмӕ уӕрӕсейы телеканалты ӕмгуыстад, йӕ цӕст сын бауарзта ӕнтыстытӕ сӕ дарддӕры куысты ӕмӕ загъта бузныджы ныхӕстӕ Косенчукӕн йӕ куысты тыххӕй Хуссар Ирыстоны.