Пухаты Эрик: ӕрмӕст дӕр не ‘взаджы фӕрцы бахъахъхъӕндзыстӕм нӕ национ хӕзнатӕ

Ирон ӕвзаджы бон Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр нысан кӕнынц 15 майы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик раарфӕ кодта республикӕйы цӕрджытӕн ирон ӕвзаджы боны цытӕн, кӕцы ӕрвылаз дӕр нысан цӕуы 15 майы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры нысан кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон

"Ацы ахсджиаг бон нын нӕ зӕрдӕтыл лӕууын кӕны не взаджы иугӕнӕн роль ивгъуыд заман ӕмӕ фидӕны хсӕн. Ирон ӕвзаг у не ‘хсӕнады историон бындур", — дзырдӕуы хицауады сӕрдары арфӕйы.

Пухаты Эрик ма банысан кодта мадӕлон ӕвзагмӕ бӕрнон ахасты, афтӕ ма йӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй активон архӕйдтыты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад.

"Ӕрмӕст дӕр не ‘взаджы фӕрцы бахъахъхъӕндзыстӕм нӕ национ хӕзнатӕ, схъомыл кӕндзыстӕм рӕзгӕ фӕлтӕрты зӕрдӕты сӕ адӕмы культурӕмӕ уарзондзинад", — бахахх кодта уый.