ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны таможнӕйы кусджытӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой контрабандон тамакоты егъау уаргъ, кӕцы хъавыдысты ӕрбаласын Уӕрӕсейы территоримӕ Хуссар Ирыстонӕй цалдӕр автомашинӕйыл, хъусын кӕны таможнӕйы пресс-службӕ.
"Къорд ӕмбӕстаджы, развӕлгъау бадзырдмӕ гӕсгӕ, адих кодтой контрабандон уӕз цалдӕр машинӕйыл, цӕмӕй аивӕрзой уголовон бӕрнӕй, сӕ фӕнд куы раргом уа, уӕд. Бонӕй таможнӕйон зонӕмӕ бахӕццӕ автомашинӕ "Лада Приора". Басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд тамакоты сусӕгран. Уый уыдис фыццаг арӕнсӕттӕг уыцы бон", — хъусын кӕны уагдон.
Афтӕ ма банысан кодтой, цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ таможнӕйон арӕн фехалын кӕй хъавыдысты ноджы цыппар автомашинӕйы ВАЗ-2114, кӕцытӕ-иу ӕрбахӕццӕ сты алы 15 минут. Нелегалон уӕз уыд ӕмбӕхст машинӕйы хӕйтты.
Таможнӕйон арӕнхалджыты ныхмӕ бакодтой административон хъуыддаг. Ӕдӕппӕтӕй байстой 14.5 къоппы "Dover Export Slims" ӕмӕ "Continent Compact" тамакотимӕ, алы къоппы дӕр уыд фӕйнӕ 50 блочы.