"Ӕхсӕв музейы": Хуссар Ир æртыккаг хатт бамбал уыдзæн æхсæнадæмон акцимæ

Мадзал ацæудзæн сабаты ʻхсæв, уазджытæн фадат уыдзæн фенын "цыкурайы фæрдыг" æмæ ног хайадтæ - "президенты лæвæрттæ", "ирон хæдзар" æмæ æрдзы ранæуæггонд хайад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æртыккаг хатт ацæудзæн акци "Музейты æхсæв", фехъусын кодта Sputnik Национ музейы кусæг Бекъойты Олеся.

Уый радзырдта, мадзалы уазджытæм кæй æнхъæлмæ кæсынц рауæрæхдæргонд равдысттæ.

Ӕхсӕв музейы

"Фæстаг акцийы фæстæ нæм фæзынд бирæ ног экспонаттæ, хайадтæ. Раздæрау мадзал барæсугъд кæндзæн "цыкуырайы фæрдыг". Стæй нæм фæзынд ног президентон хайад, цы ран æрæмбырд кодтам хæлар бæстæты сæргълæуджыты лæвæрттæ, сæ фылдæр хай сты Владимир Путинæй", — загъта Бекъойты Олеся.

Уый ма радзырдта, уазджытæн фадат кæй уыдзæн фенын ног хайад "ирон хæдзар", афтæ ма æрдзы ранæуæггонд хайад дæр.

Акци цæудзæн сабаты, изæры 8 сахатæй фæстæмæ.

Программæйы зынгæдæр хай свæййы  "цыкурайы фæрдыг", кæцыйæн ис диссаджы тых. Уый равдисынц æрмæстдæр иу хатт афæдзы мидæг, кæй фæнды, уымæн вæййы фадат бацæуын æмæ йыл арм авæрын, фæндтæ сæххæсты ныфсæн.