Президент банхъардта Ирон дарæсы бон бакæнын

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ, ацы бонæй, гæнæн ис, æмæ æвзæрст æрцæуа Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ирон зарæджы фестивалы йæ раныхасы бынхъардта  къæлиндармæ ног датæ бахæссын — Ирон националон дарæсы бæрæгбон.

Паддзахады сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, ацы бонæй, гæнæн ис, æвзæрст æрцæуа Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон — 15 октябрь.

Пухаты Эрик: ӕрмӕст дӕр не ‘взаджы фӕрцы бахъахъхъӕндзыстӕм нӕ национ хӕзнатӕ

"Ирон æвзаджы бон нын ис. Ахæм хъуыды мæм фæзынд, кæй хъæуы саразын Ирон дарæсы бон дæр. Нырма йыл ныхас цæудзæн хицауады, фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын, Къостайы райгуырæн бонмæ йæ æрымных кæндзыстæм. Къостайы райгуырæн бон нæ сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ куы рахизой ирон дарæсы, уæд, æвæццæгæн, рæсугъд уыдзæн. Ноджы ма йыл ахъуыды кæндзыстæм, фæлæ аразинаг кæй у, уыймæн æвдисæн у уе ʻмдзæгъд", — банысан кодта президент йæ раныхасы.

Ирон зарæджы фестиваль цыд 16 майы, мадзал нывонд уыд Ирон æвзаджы бонæн, кæцы æрвылаз, 2003 азæй фæстæмæ нысан цæуы 15 майы. Ацы бон фыццаг хатт мыхуыры ʻрцыд Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр".