Хуссар Иры Ахуырады министр бамбарын кодта рауагъдон мадзӕлтты уагӕвӕрд

Министр бамбарын кодта "Дзыллон информацион фӕрӕзты минӕвӕрттӕн уӕлӕнгай ахаст кӕй ис информацимӕ"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бӕрӕгбон Хуссар Ирыстоны скъолаты ауадздзысты 26 майы, рауагъдон бал та 23 июны, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали.

"Дзыллон информацион фӕрӕзты минӕвӕрттӕн уӕлӕнгай ахаст кӕй ис информацимӕ, уый тыххӕй мах ногӕй фӕнды бамбарын кӕнын: фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бӕрӕгбон Хуссар Ирыстоны скъолаты ауадздзысты 10.00 сахатыл 26 майы. Уыцы изӕр рауагъдонты фӕхондзысты концертмӕ, кӕцы бацӕттӕ кодта горӕты администрацийы культурӕйы хайад", — банысан кодта Гасситы Натали.

Афтӕ ма уый бафтыдта, рауагъдон бал кӕй ауадздзысты 23 июны, ахуыргӕнинӕгты рауагъдон фӕлварӕнтӕ куы раттой ӕмӕ аттестаттӕ куы райсой, уый фӕстӕ.