Донецкы фӕмард ирыстойнаг командир Мамиты Олег

Мамиты Олег уыдис батальон "Пятнашка"- йы командир, кӕцы хъахъхъӕны Донецкы иууыл тӕссагдӕр фадгуытӕй сӕ иу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Донецкы адӕмон республикӕйы фӕмард хӕдӕфсад батальоны командир Мамиты Олег, йӕ сидӕн Мамай, хъусын кӕны социалон хызӕджы йӕ официалон фарсыл ӕхсӕнадӕмон организаци "Донбассы хӕдӕфсӕдты цӕдис".

"Абон мах фесӕфтам не 'ввахс хӕстон ӕмгары, Донбассы хӕдӕфсӕдты цӕдисы (ДХЦ) командирты советы уӕнг, ДХЦ хицауиуӕджы уӕнг, легендарон батальон "Пятнашка"-йы командир Мамиты Олегы, сидӕн Мамай… Уый фӕмард хӕсты быдыры куыд хъайтар", — хъусын кӕны фыстӕг.

Мамиты Олег ӕрцыд Донбассмӕ Ирыстонӕй 2014 азы, ссис "Донбассы иууыл зындгонд ирӕттӕй сӕ иу", банысан кодтой организацийы. Мамай ссис интернационалон бригадӕ "Пятнашка"-йы командир, схорзӕхджын ӕй кодтой ДАР-ы майдантӕй.

Донбассы хӕдӕфсӕдты цӕдис тӕфӕрфӕс ракодта Мамиты Олегы хиуӕттӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмӕн, йӕ батальоны ӕфсӕддонтӕн, афтӕ ма ӕнӕхъӕн республикӕйӕн дӕр, кӕцы фесӕфта йӕ хъайтары.

Мамиты Олег райгуырд Цӕгат Ирыстоны. 2008 азы хайад райста Хуссар Ирыстоны "Фондзбонон" хӕсты.