Бекъойты Хохы коллекци "Дыккаг уарзт" ссис модæйы конкурсы лауреат

Ирон дизайнер бавдыста йæ коллекци "Дыккаг уарзт"-æй 15 "look"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох ссис XII æхсæнадæмон конкурс "Пульс моды-2018"-ы фыццаг къæпхæны лауреат номинаци "Александровский проспект"-ы. Ирон модельер модæйы изæры бавдыста йæ коллекци "Дыккаг уарзт"-æй 15 "look".

"BEKOEV"-ы "Дыккаг уарзт" рацыд Санкт- Петербурджы модæйы къуырийы

"Уый уыд мæ дыккаг фæлварæн ацы мадзалы, ивгъуыд аз дæр дзы сдæн номинацийы фыццаг къæпхæны лауреат, уæд та бавдыстон мæ коллекци "Фыццаг уарзт". Дыккаг хатт сфæлхатт кæнын ме ʻнтыст мын уыд уæлдай æхсызгон, бавдыстон хуыздæр 15 "look"-ы", — радзырдта Бекъойты Хох.

Уый ма бафтыдта, æввахс рæстæджы та кæй бавналдзæн ног коллекци "Фæззæг–зымæг" хуыйынмæ.

Курдиатджын дизайнер-модельер Бекъойты Хохæн модæйы дунемæ йæ фæндаг райдыдта 2016 азы. Уыд ын Цхинвалы равдыст, архайдта æхсæнадæмон модæйы къуыри "Neva Fashion Week" æмæ æндæр модæйы изæрты.

Проект "Пульс моды" арæзт цæуы ЦИПУ бындурыл 2007 азæй фæстæмæ, рахызт æхсæнадæмон æмвæзадмæ. Ацы аз дзы архайдта 35 дизайнеры.