Цӕгат Иры загътой фӕстаг хӕрзбон Мамиты Олегӕн

Легендарон командиры зианмӕ ӕрбацыдысты бирӕ адӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май — Sputnik. Къуырисӕры Цӕгат Ирыстоны Кады аллейы уагъд ӕрцыд интернационалон бригадӕ "Пятнашка"-йы легендарон командир Мамиты Олегӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъыны церемони, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Донецкы фӕмард ирыстойнаг командир Мамиты Олег

Мамай фӕмард Донбассы Авдеевскы сӕудӕджерадон зонӕйы районы 17 майы. Уый ӕхстыты фӕстиуӕгӕн райста ӕртӕ цӕфы. Дохтыртӕ цалдӕр сахат тох кодтой йӕ цардыл, фӕлӕ сын уӕддӕр нӕ бантыст йӕ фервӕзын кӕнын.

"Абон бирӕ адӕм ӕрбацыдысты Мамиты Олегы хӕдзармӕ ӕмӕ балӕууыдысты йӕ хиуӕтты фарсмӕ ахӕм зын рӕстӕджы", — хъусын кӕны телеканал.

Фыдохы мадзӕлтты хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Афтӕ ма сӕ хӕстон ӕмгарӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрцыдис делегаци Донецкӕй дӕр.

1 / 2
Олег Мамиты
2 / 2
Олег Мамиты

ДАР хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Михаил Николаев загъта бузныджы ныхӕстӕ Ирыстоны цӕрджытӕн ахӕм хъӕбулы тыххӕй, кӕцыйӕн йӕ хъару ӕмӕ намыс ӕнустӕм баззайдзысты адӕмы хъуыдыйы.