Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Венесуэлайы президентӕн ӕвзӕрстыты рамбылды фӕдыл

Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы фыстӕджы ныфс бавӕрдта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Венесуэлайы ӕхсӕн ахастытӕ кӕй райтынг уыдзысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Николас Мадуройӕн, ногӕй йӕ республикӕ Венесуэлайы президентӕй кӕй равзӕрстой, уый фӕдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмӕ адӕмы номӕй, афтӕ ма мӕхи номӕй дӕр дын арфӕ кӕнын, ногӕй дӕ кӕй равзӕрстой Венесуэлайы президентӕй. Дӕ уӕлахиз ӕвзӕрстыты ноджы иу хатт равдыста дӕ авторитет куыд паддзахады сӕргълӕууӕг ӕмӕ националон разамонӕг, кӕцыйыл ӕууӕндынц Венесуэлайы адӕм", — загъдӕуы фыстӕджы.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы банысан кодта, Николас Мадуройы ногӕй равзӕрсты фӕстӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастытӕ кӕй сфидар уыдзысты. Хуссар Ирыстоны президентӕн йӕ зӕрдӕ бауарзта Мадуройӕн ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ йӕ зын куысты, Венесуэлайы адӕмӕн та дзӕбӕхдзинад ӕмӕ дидинӕфтыд.