Хуссар Иры милици ӕрсидт скъоладзаутӕм фӕткмӕ фӕстаг дзӕнгӕрӕджы боны

Уагдоны банысан кодтой, рауагъдонты уагахаст скъола фӕуыны бӕрӕгбон нысан кӕныны рӕстӕджы арӕх кӕй ӕрхӕссы фыдбылыз
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕрсидт хуссарирыстойнаг скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной фӕтк ӕмӕ ма руадзой нозт кӕнын фӕстаг дзӕнгӕрӕджы цытӕн мадзӕлтты рӕстӕджы.

Хуссар Ирыстоны скъолаты сабаты уагъд ӕрцӕудзысты фӕстаг дзӕнгӕрӕгӕн нывонд мадзӕлттӕ. Республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ уыцы бон уыдзӕн ӕхгӕд.

Фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бон Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

"Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй ацы бӕрӕгбон уа цымыдисон ӕмӕ зӕрдылдаринаг. Хъыгагӕн, уыдис ахӕм цаутӕ, рауагъдонтӕ-иу куы банызтой ӕмӕ-иу автомашинӕ куы скъӕрдтой нозтджынӕй, афтӕ ма-иу сӕм шофыры бӕлвырдгӕнӕн дӕр нӕ уыд. Арӕх-иу уый фӕдыл рауагъдонтӕ хӕлдтой ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ-иу сӕ милицимӕ  бакодтой. Ахуырадон уагдӕттӕн сӕ фылдӕр ӕмӕ рауагъдонты ныййарджытӕ архайынц ахӕм цауты ныхмӕ", — банысан кодтой МХМ.

Уагдоны банысан кодтой, рауагъдонты уагахаст скъола фӕуыны бӕрӕгбон нысан кӕныны рӕстӕджы арӕх кӕй ӕрхӕссы фыдбылыз.

МХМ ӕрсидт ныййарджытӕм, цӕмӕй фидар позици ӕрцахсой, ма бауадзой нозт кӕнын ӕмӕ расыгӕй автомашинӕтӕ скъӕрын рауагъдонты фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бӕрӕгбоны.