Хуссар Ирыстоны сцалцӕг кӕндзысты фӕндаг иунӕг кусгӕ курортмӕ

Фӕндагон инфраструктурӕйы цалцӕг кӕнын у республикӕйы къухдариуӕджы приоритетон здӕхтытӕй сӕ иу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хосгӕнӕн улӕфӕндон "Ныфс"-мӕ фӕндаг сцалцӕг кӕндзысты ацы аз. Уый тыххӕй радзырдта хицауады цӕугӕ рабадты рӕстӕджы Знауыры районы бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Инал, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Гӕбӕраты Инал банысан кодта районон фӕндӕгты арӕзтады фӕхуыздӕргонд бӕрцуат.

Нагутнийы «Ныфс»

"Знауыры районы бакодтой стыр куыст фӕндӕгтӕ цалцӕг кӕныны фӕдыл. Поселочы фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты ӕмбӕрзт асфальтӕй. Цӕуынц куыстытӕ иннӕ хъӕуты фӕндӕгтӕ аразыны фӕдыл дӕр. Сӕйраджыдӕр, сцалцӕг кодтам авд фӕндаджы районы хъӕуты, кӕцытӕн сӕ дӕргъ у 25 километр, фӕуд кӕнынц Знауыр — Гобозтӕ ӕмӕ Уӕллаг Оконамӕ фӕндӕгты цалцӕг", — бахахх кодта Гӕбӕраты Инал.

Афтӕ ма Знауыры администрацийы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, сӕ тыхтӕм гӕсгӕ кӕй сцалцӕг кӕндзысты Мугуты централон уынг дӕр ӕмӕ кӕй сӕххӕст кӕндзысты уынджы рухс ауадзыны куыстытӕ.