Хуссар уынæг: цæгатирыстойнаг журналисттæ æрцыдысты Цхинвалмæ

Сæ иубонон балцы кæрон журналисттæ тымбыл фынгыл æруынаффæ кæндзысты дарддæры æмгуыстадыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ иубонон пресс-туры майрæмбоны æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Боны дæргъы цæгаттаг журналистты зонгæ кæндзысты фæстаг дыууæ азы Хуссар Ирыстоны æвæрццаг ивындзинæдтæ æмæ фенддаг бынæттимæ, фехъусын кодта Sputnik муыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

"Цæгатæй нæм æрцæуы егъау делегаци мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæрдар Фидарты Юрийы сæргълæудæй. Делегацийы сконды ис 26 журналисты — Цæгат Ирыстоны дзыллон информацийы æппæт фæрæзты минæвæрттæ. Боны дæргъы уыдон фендзысты ХИПУ, базонгæ уыдзысты йæ видеостудийы куыстимæ, бабæрæг кæндзысты Национ музей, Театр, Монастъеры моладзандон, фыдызгъæлы завод "Растдон", — радзырдта Хъотайты Мария.

Уый ма банысан кодта, делегацийы ма йæхимæ кæй райсдзæн парламенты культурæ, зонад, ахуырад æмæ ДИФ фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юрий. Балцы кæрон Ирыстоны хуссар æмæ цæгаттаг хæйтты журналисттæ æруынаффæ кæндзысты тымбыл фынгыл сæ дарддæры æмгуыстады фарстытыл.