Президент сæвæрдта дидинтæ Беслæны амæттæгты Монументмæ Петербурджы

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны разамонджытæ аныхас кодтой Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы ирон æхсæнады минæвæрттимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны делегацитæ дидинджытæ сæвæрдтой Беслæны теракты амæттæгты монументыл Санкт-Петербурджы, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

Бибылты Анатолий Хуссар Иры делегацийы сӕргъ хайад райсдзӕн ПӔЭФ-ы

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Петербурджы ирон æхсæнады минæвæрттæ ссардтой Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты бабынуæвæг сабиты рухс нæмттæ Фырсыгъдæг Мад Майрæмы фынæты аргъуаны, кæцымæ хæстæг ис цырт теракты амæттæгтæн.

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны разамонджытæ ма аныхас кодтой Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы ирон æхсæнады минæвæрттимæ.

Бибылты Анатолий æрсидт Ирыстонæй ацæугæ адæммæ сæ райгуырæн бæстæимæ æнгомдæр ахастытæ саразын æмæ Ирыстоны цæгат æмæ хуссарæн æххуыс кæнын. Дæнцæджы хуызы президент æрхаста, гæнæн уæвгæйæ, Уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ æмæ дохтырты волонтерон куыст Ирыстоны.

Беслæны бабынуæвæг сæвæллæттæн цырт арæзт æрцыд Санкт-Петербурджы 2007 азы.

Анатолий Бибилов возложил цветы к Монументу жертвам Беслана в Санкт-Петербурге