Хуссар Иры æрурæдтой гуырдзиаг арæнхалæджы

Фæткхалæг разынд Гуырдзыстоны Гуры районы хъæу Плавийы 23–аздзыд цæрæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнгæрон службæйы кусджытæ æрурæдтой Гуырдзыстоны 23-аздзыд цæрæджы Цхинвалы районы Арцеуы хъæумæ хæстæг паддзахадон арæн фехалыны тыххæй, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

"Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн паддзахадон арæныл Цхинвалы районы Арцеумæ хæстæг фадыгыл паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй арæнхъахъхъæнджытæ 24 майы æрурæдтой Гуырдзыстоны æмбæстаг, Гуры районы, хъæу Плавийы цæрæг, 1995 азы гуырд Кепашвили Гияйы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ныридæгæн Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæ кæны сгарæн куыст, скъуыддзаг цæуы тæрхондонмæ æрмæг адæттыны фарст.