Хуссар Иры фӕсивӕд нысан кодтой дыууӕ бӕрӕгбоны Цхинвалы центры

Театралон фӕзуатыл уагъд ӕрцыд "Ирон хъазт", уыцы бон ма Цхинвалы уынгты ацыд автозгъорд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Республикон фӕсивӕдон ӕхсӕнадон организаци "Иугонд Алани" ауагъта дыццӕджы "Ирон хъазт" Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны бӕрӕгбон ӕмӕ Сирийы рдыгӕй банымады цытӕн, хъусын кӕны организацийы пресс-службӕ.

В Цхинвале отметили признание Сирией независимости РЮО

Цалынмӕ кафын райдыдтой, уӕдмӕ ӕрбамбырдуӕвджыты раз ралӕууыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы адӕмон артист Саппиты Зӕлинӕ, кӕцы фехъусын кодта, Сири кӕй банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.

"Уый фӕстӕ райдыдта "Ирон хъазт", кӕцы сарӕзтой ирон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Фӕсивӕд зарыдысты ирон зарджытӕ, кафыдысты ӕмӕ тынг хорз арвыстой сӕ рӕстӕг", — банысан кодта организацийы пресс-службӕ.

Уыцы бон ма "Иугонд Алани" ауагъдта автозгъорд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны бӕрӕгбон ӕмӕ Сирийы рдыгӕй банымады цытӕн. Згъорды хайад райстой 30 машинӕйӕ фылдӕр, хайадисджыты къухты уыдысты Уӕрӕсе, Сири, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысатӕ.

В Цхинвале отметили признание Сирией независимости РЮО

Дыццӕджы Хуссар Ирыстоны нысан кодтой республикӕйы хӕдбардзинад расидыны бӕрӕгбон. Уыцы бон ма Сири фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй дӕр.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт райста республикӕйы Уӕлдӕр Совет 1992 аз 29 майы. Ацы датӕ республикӕйы у бӕрӕгбонон ӕмӕ улӕфты бон.