Цхинвайлаг æрмхæцджытæ рамбылдтой цыппар майданы европæйаг ерысты Болгарийы

Европæйы æмвæзады ныр цыппæрæм хатт æмсæр ныхмæлæууæг нæ разынд Гасситы Сосланæн (90кг), хорз бæрæггæнæнтæ равдыста Дыгъуызты Милена (70+) – уый схызт дыккаг къæпхæнмæ, Хæбæлаты æфсымæртæ Арсен (65) æмæ Эдуард (75) та райстой бронзæ майдантæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæй цыппар расгуыхтысты европæйаг ерысты Болгарийы, фехъусын кодта Sputnik спортсментæй иу Гасситы Сослан.

Гасситы Сослан 21 азы кары фæсивæды ʻхсæн рамбылдта йæ цыппæрæм сыгъзæрин майдан, æртыккæгæм июны уый стох кæндзæн хистæр кары спортсменты ʻхсæн ерысты.

"Фондз æнтыстджын тохы фæрцы рамбылдтон европæйы сыгъзæрин, финалы Гуырдзыйы минæварыл фæуалахиз уæвгæйæ. Европæйы чемпионат дарддæр цæуы æмæ ныр та 3 июны мæхи хъуамæ сфæлварон хистæр кары спортсменты хсæн", — загъта телефонæй ныхасы ерысты уæлахиздзау Гасситы Сослан.

Уый ма раргом кодта йæ цхинвайлаг æмсекционты æнтыстытæ дæр.

"Дыгъуызты Милена 18 кары онг юниоркæты ʻхсæн ссис дыккаг, ацы кары ма расгуыхт Хæбæлаты Арсен – ссис бронзæйон призер. Уый, хъыгагæн, ерыстæм бацыд рынчынæй, науæд фыццаг бынатыл тох кодтаид. Йæ хистæр æфсымæр Эдуард та 21 азы кары онг юниорты ʻхсæн райста бронзæ", — загъта Гасситы Сослан.

Ирыстонойнаг æрмхæцджытæ æмæ тренертæ европæйаг ерысты

Цхинвайлаг æрмхæцджыты цæттæ кæны тренер Джиоты Валерий. Европæйы ерысты архайынц Уæрæсейы æмбырдгонды сконды, кæцыйæн йæ фылдæр хай сты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æрмхæцджытæ. Европæйы чемпионат æмæ фыццагад армспортæй цæуы 26 май — 3 июны Болгарийы сæйраг горæт Софияйы.