Хуссар Иры схызтысты ӕртаджы ӕргътӕ

Ӕргътӕ схызтысты ӕртӕйӕ (бензин) аст соммӕ (дизелон ӕртаг)
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртаджы ӕргътӕ схиздзысты майрӕмбонӕй, 1 июнӕй, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадийы ныхӕстӕ.

Хуссар Ирыстоны ӕртаг нӕ фӕзынаргъ уыдзӕн

Уый банысан кодта, ӕргъты схизыны сӕйраг аххосаг — Уӕрӕсейы ӕртаджы ӕргътӕ кӕй схызтысты, уый.

"Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт" 1 июньмӕ урӕдта ӕргътӕ иу ӕмвӕзадыл, фӕлӕ ныр уымӕн гӕнӕн нал ис", — загъта министр.

Уый бафтыдта, экономикон райрӕзты министрад кӕй ӕркаст продукцийӕн йӕхи аргъы хӕрдзтӕм ӕмӕ сфидар кодта ахӕм ӕргътӕ ӕртӕгыл: адӕмӕн бензин АИ-92 уыдзӕн 35 сомы, бюджетон организацитӕн та 36 сом; дизелон ӕртаг уыдзӕн 40 сом алкӕцы фӕлхастгӕнӕгӕн дӕр.

"Фӕлӕ хъӕуы банысан кӕнын, ацы ӕргътӕ 17-20% кӕй сты цъусдӕр Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕргътӕй. Дизелон ӕртаджы аргъ у йӕхи аргъӕй къаддӕр. "Югосетнефтепродукт" ӕхгӕндзӕн хӕрдзтӕ, бензинӕй цы хца бакуса, уымӕй", — бахахх кодта Кокойты Геннадий.

Цалынмӕ ӕргътӕ схызтысты, уӕдмӕ "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртагкӕнӕн станцты бензины аргъ уыдис 32 сомы, уыййас уыд соляркӕйы аргъдӕр.