Бибылты Анатолий: хъусдард сывӕллӕттӕм у Хуссар Иры къухдариуӕгады приоритет

Республикӕйы уагъд цӕуынц иумӕйаг ахуырады системӕ фӕхуыздӕр кӕнын, сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад бавӕрын ӕмӕ сфидар кӕнын, сӕрды улӕфты организаци, курдиатджын сывӕллӕттӕн ӕххуыс, физикон культурӕ ӕмӕ спорты райрӕзты фӕдыл куыстытӕ, банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Алы сывӕллонмӕ дӕр аккаг хъусдард, йӕ бартӕ, цард ӕмӕ ӕнӕниздзинады хъахъхъӕнынад у республикӕйы къухдариуӕджы архайды приоритетон здӕхттӕй сӕ иу, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент йӕ арфӕйы Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны боны цытӕн.

Президент бахахх кодта, сӕрмагонд бӕрн сывӕллӕтты абоны бон ӕмӕ фидӕны тыххӕй кӕй хауы ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнджытӕм.

"Республикӕйы уагъд цӕуынц иумӕйаг ахуырады системӕ фӕхуыздӕр кӕнын, сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад бавӕрын ӕмӕ сфидар кӕнын, сӕрды улӕфты организаци, курдитаджын сывӕллӕтӕн ӕххуыс, физикон культурӕ ӕмӕ спорты райрӕзты фӕдыл куыстытӕ. Ахуырады гъӕд ӕмӕ сывӕллӕтты хорз хъомыладӕй арӕзт цӕуы Ирыстоны сомбон. Нӕ сывӕллӕттӕ сты зондджын, курдиатджын, ӕнтыстджын ӕмӕ рӕсугъд, ӕмӕ мах сӕрыстыр стӕм уыдонӕй", — дзырдӕуы арфӕйы.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы зӕрдӕ бауарзта рӕзгӕ фӕлтӕрӕн амонд, ӕнӕниздзинад, сабырдзинад ӕмӕ цӕмӕй сӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.