ПӔК-ы радзырдтой арӕнмӕ фӕтыхджындӕргонд хъусдарды тыххӕй

Мадзӕлттӕ сӕххӕст кӕндзысты, цӕмӕй бахизой Хуссар Ирыстоны закондӕттынад арӕнгӕрон фадыджы барсӕттӕн митӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Ацы аз июнь ӕмӕ июлы Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон районтӕй иуы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ фӕнд кӕнынц ауадзын иумӕйаг мадзӕлттӕ, цӕмӕй бахизой Хуссар Ирыстоны закондӕттынад арӕнгӕрон фадыджы барсӕттӕн митӕй, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.

"Мадзӕлттӕм хаудзӕн паддзахадон арӕнмӕ хъусдард сфидар кӕнын, адӕм ӕмӕ транспортон фӕрӕзты рӕстӕгмӕ уӕвынад ӕмӕ ахызт арӕны сӕрты, арӕнгӕрон цӕрӕг пункты хӕдзӕрттыл ӕрзылд уадзын", — хъусын кӕны уагдон.

Уагдон сиды арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕм, цӕмӕй хӕдзарӕй куы рахизой, уӕд семӕ уа гоймагдзинад бӕлвырдгӕнӕн документтӕ, афтӕ ма ӕмбаргӕ цӕстӕй кӕсой зынвадӕттӕм, кӕцытӕ фӕзындзысты мадзӕлтты ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы.